Æнусы разма, Ходыхъауы райгуырд фыссæг, таурæгъфыссæг, тохæхсыст хæстон Хъайтыхъты Азæмæт

 

Йæ гуырæнбоны фæдыл абон æвзонг кæсджыты  чиногдоны ацыд æсфæлдыстадон изæр. Хуымæтæг нæуыд. Ардæм хуынд æрцыдысты хæрзаив литературон конкурс «Къостайы фæдонтæ»-йы уæлахиздзаутæ.  20 архайæгæй фылдæр. Хуыздæр æвдисæнтимæ чи фæуæлахиз айв ныхас, кафт, æмæ зарды мидæг, Дзауджыхъæуы скъолаты ахуырдзæуты хсæн уыдон.  Джызæлы скъола-интернаты сфæлдыстадон къорд дæр семæ афтæмæй.

13 октября 2023 / 17:44